Цхинвалмӕ ӕрцыдысты петербургаг дохтыртӕ. Уыдон РМБЦ пациентты сгарынц ӕнӕаргъӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сӕдӕгай адӕймӕгтӕ цыппӕрӕмы райсомӕй Хуссар Иры медцентры лӕууынц радты уӕрӕсейаг дохтыртӕм. Цхинвалмӕ фӕуазӕг сты клиникаты хызӕг "Скандинавия" ӕмӕ "Скандинавия АВА-ПЕТЕР"-ы травматолог Михаил Агрелкин ӕмӕ нейрохирург Василий Кашин.
Травматологмӕ развӕлгъау сӕхи ныффыссын кодтой 140 адӕймаджы, фӕлӕ рад ноджы рӕзы.
Цхинвалмӕ ӕрцыдысты петербургаг дохтыртӕ.
"2007-2008 ӕзты куыстон Цхинвалы фидауынгӕнӕг тыхты Медицинон службӕйы хистӕрӕй. Уый фӕстӕ ахызтӕн ӕфсӕддон медицинӕйӕ ӕмӕ ӕрӕвнӕлдтон егъау суставты протезкӕнынмӕ пациенттӕн, кӕцытӕ тыхсынц артрозтӕй", - загъта Sputnik Михаил Агрелкин.
Санкт-Петербургаг клиникӕйы нейрохирург Василий Кашин фыццаг хатт ис Хуссар Ирыстоны. Цалдӕр сахатмӕ уый райста 20 адӕймаджы.
"Куыд асӕумагъзы специалист, афтӕ мӕ бон у зӕгъын - ацы проблемӕ уӕ регионы у актуалон. Цы пациентты райстон, уыдонӕй ӕрмӕст дыууӕйы нӕ хъӕуы хос кӕнын, иннӕты хъӕуы операцитӕ. Мах нӕ клиникӕйы аразӕм астӕумагъзы ӕппӕт операцитӕ дӕр", - загъта Кашин.
Хуынд специалисттӕм цӕуынц канд столицӕйӕ нӕ, фӕлӕ ма районтӕй дӕр. Уыдон кусдзысты ам дыууӕ боны дӕргъы. Специалисттӕ химӕист уадзынц республикон бирӕпрофилон медицинон центрты бындурыл.
Цхинвалмӕ ӕрцыдысты петербургаг дохтыртӕ.