Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ бакуыстой хæстон цæттæдзинадыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 июн – Sputnik. Мулдарты Зелимы номыл сæрмагонд нысаниуæджы батальоны æфсæддонтæ ауагътой дыууæкъуырион рæвдзытæ Хъахъхъæнынады министрады полигоныл, кæцыты рæстæджы уыдон бакуыстой хæстон цæттæдзинад фæфылдæр кæныныл. Уый тыххæй къуырисæры фехъусын кодта хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
"Рæвдзыты рæстæджы, кæцытæ ауагътой дæлхайады командæгæнæджы къухдариуæгады бын, бакуыстой дæлхайады хæстон цæттæдзинад фæфылдæр кæныныл. Сæйраг хъусдард здæхтой æфсæддонты хисæрмагонд цæттæдзинадмæ, штатон хæцæнгарз æмæ æфсæддон техникæйæ архайын фæхуыздæр кæнынмæ", - банысан кодтой министрады.
Уагдоны минæвар бафтыдта, зæгъгæ, сæрды сæрмагонд нысаниуæджы батальонæн нывæндынц ауадзын хæстон цæттæкæнынады фæдыл мадзæлттæ.