Цæгат Иры агурынц нæлгоймаджы, кæцы ныххаудта Фыййагдон цæугæдоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 июн – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) кусджытæ агурынц 27-аздзыд нæлгоймаджы, кæцы ныххаудта Фыййагдон цæугæдоны. Уый тыххæй хъусын кæны "15-æм Регион".
Нысангонд æрцыд, æвзонг нæлгоймаг кæй ныххаудта цæугæдоны арт-объект "Зеркальный барс"-ы районы. Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй агурыны хайад исынц цалдæр къорды.
"Цæгат Ирыстоны УУМ агурæн-ирвæзынгæнæн æмæ зынгфæдисон-ирвæзынгæнæн дæлхайадты къордтæ дарддæр агурынц 1995 азы гуырд нæлгоймаджы, кæцы къуырисæры ныххаудта Фыййагдон цæугæдоны арт-объект "Зеркальный барс"-ы районы"