ЦХИНВАЛ, 28 июн – Sputnik. Ивгъуыд суткæ уæрæсейаг авиаци скуынæг кодта 24 украинйаг фæткдаруаты пункты, артиллерион æмæ минометон дæлхайæдтæ 58 районы, афтæ ма удæгас тыхтæ æмæ техникæ 304 районы, фехъусын кодто дыццæджы Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады.
"Оперативон-тактикон æмæ æфсæддон авиаци, ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери скуынæг кодтой: фæткдаруаты 24 пункты, артиллерион æмæ минометон дæлхайæдтæ 58 районы, афтæ ма удæгас тыхтæ æмæ техникæ 304 районы", - фехъусын кодтой уагдоны.
Афтæ ма уагдоны радзырдтой, украинæйаг æфсæдтæ иттæг хорз ахуыр кæй не сты æмæ фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонтæн дæр ныллæг цæттæкæнынад кæй ис, уый æркæны кæрæдзи æхстмæ се хсæн.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.