Ӕрӕджы Цхинвалы бирӕпрофилон колледжы ацыдысты раугъдон фӕлварӕнтӕ повар-кондитеры хайады студенттӕн. Бирӕпрофилон колледжы ахуыргӕнӕг Бежанты Эммайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрвылаз дӕр ацы фадыджы вӕйы бирӕнымӕц студенттӕ.
"Фӕлварӕнтӕ ацыдысты дыууӕ этапӕй, нӕ рауагъдонты нымӕц у 16 студенты, ӕмӕ сӕ райгондӕй баззадыстӕм", - загъта ахуыргӕнӕг.
Бӕжанты Эмма куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ фӕлварӕнтӕ сты дыууӕ хайӕ конд – кондитерон ӕмӕ кулинарон. Студенттӕ сӕ темӕтӕ равзарынц сӕхӕдӕг.
"Ахуырадон программӕ афтӕ арӕзт у, ӕмӕ уал студенттӕ фыццаг рацӕуынц теоретикон хай, уый фӕстӕ та райдайы ахуырадон практикӕ", - бафиппайдта Эмма.
Уый уӕлдай банысан кодта, студенттӕ цы лабораторийы кусынц, уым хорз техникон ифтонгад ис, кӕцы нырыккон домӕнтӕм дзуапп дӕтты.