Хуссар Ир хайад исы Санкт-Петербурджы X-ӕм ӕхсӕнадӕмон юридикон форумы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци хайад исы Санкт-Петербурджы X-ӕм ӕхсӕнадӕмон юридикон форумы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Делегацийы сӕргъ лӕууы юстицийы министр Гаглойты Олег, йе сконды ма сты тӕрхондоны приставты службӕйы хистӕр Дзӕгъиаты Вадим ӕмӕ кадастр ӕмӕ картографийы паддзахадон регистрацийы службӕйы хистӕр Коцты Алена.
Санкт-Петербурджы ӕхсӕнадӕмон юридикон форум рагӕй у хицӕн бӕстӕты юристты ныхас кӕнӕн фӕзуат барадон модернизацийы фӕдыл ӕхсӕнад ӕмӕ адӕймаджы пайдайӕн.
Хуссар Ир хайад исы Санкт-Петербургы X-ӕм ӕхсӕнадӕмон юридикон форумы
2022 азы форум йӕ куыст райдыдта 29 июны, архайы дзы 5400 адӕймаджы дунейы 95 бӕстӕйӕ. Пандемийы фӕстӕ фыццаг хатт цӕуы ахӕм форматы.
Мадзалы нывӕзт конд у ӕхсӕз блокӕй: Право, бизнес и санкции", "Человек и право", "Право в международных отношениях", "Цифровая трансформация", "КНД и регуляторика", "Правосудие и процесс".