Ирон æвзаджы рох дзырдтæ

Sputnik
Дзырдтæй бирæ сæфы. Иу дзырды бынат бацахсы æн­дæр дзырд, æмæ фыццаг ферох вæййы. Нæ фыдæлтæм уыд сывæр. Уый гъеныр ничиуал зоны, фæлæ баззад иуцалдæр æндæр дзырдты: æфсымæр æм-сывæр-æй, сывæрфиу. Йæ бæсты фæдзурæм гуыбын æмæ мæ­сты куы вæййæм, уæд та – хытъын, гæлдæр æмæ æндæр ахæмтæ.
Фараст-æн уыд æндæр ном. Уый-ма баззад, зæгъæм, нудæс æмæ нæуæдзы. Уырыссаг "дочь" чысыл хицæндзинæдтимæ ис бирæ европæйаг æвзæгты дæр. Ирон æвзаджы-ма йæ фенæм ходыгъд-ы, йæхæдæг (дыгъд – дочь) нал ис. Уый бæсты дзурæм æцæгæлон чызг.
Фыссынад рагæй кæмæ баззад, уыцы адæмтæн æнцон у сæ рох дзырдтæ нымайын æмæ уыдон бындурыл сырæз­гæ дзырдтæ æмбарын. Цæвиттон, хæрæмигъ (хæр – æмæ мигъ), хæрис (хæр æмæ уис), хæрæг (хæр – æмæ – æг) конд сты рох дзырд хæр-ы æххуысæй. Æмæ хæр та амыд­та "фæныкхуыз" (мæнæ уырысмæ серый цы амоны, уый).
Фæлæ уыдæттæ рагон чингуыты фæрцы куыннæ базыдтам, мыййаг. Уыдон раиртасыны тыххæй ахуыргæндты бахъæуы алыгъуызон фæзындтæ фæрабар-бабар кæнын. Куыд ирон æвзаджы, афтæ æндæр æвзæгты дæр.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.