ЦХИНВАЛ, 1 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Дзауы районы администрацийæн ревизи ауадзын 2019 азы 1 июнь 2022 азы 1 июны периоды.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайæн палатæйы документмæ гæсгæ рацыд фæдзæхст ауадзын ревизи Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы администрацийæн 2019 азы 1 июнь 2022 азы 1 июны периоды", - дзырдæуы барамынды, кæцы мыхуыргонд æрцыд президенты сайтыл.
Барамынды фыст ис, æрвыл къуыри кæй хъæуы хыгъдлæвæрд дæттын президентæн ревизийы фæдыл.