Хуссар Иры авд рауагъдоны радтой иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕнтӕ Дзӕуджыхӕуы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны рауагъдонтӕй авдӕй Цӕгат Ирыстоны рауагъдонтимӕ иумӕ радтой иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕнтӕ, фехъусын кодта Sputnik Ахуырады министры зонады хайады хистӕр Цыбырты Альда.
Развӕлгъау Уӕрӕсейы иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕнтӕ радтыны фӕдыл куырдиӕттӕ ныффыстой 42 рауагъдоны, фӕлӕ сӕ фылдӕр сӕ фӕндон аивтой.
"Фӕлварӕны хайад райстой ӕрмӕст авд рауагъдоны. Уыдон сты фыццӕгӕм скъола, гимназ "Альбион", Аивӕдты лицей ӕмӕ ӕндӕр ахуырадон уагдӕтты минӕвӕрттӕ. Фӕлварӕнтӕ уыдысты Дзӕуджыхъӕуы скъолаты", - загъта уый.
Ахуырады министрад загъта йӕ хъуыды ИПФ саразыны тыххӕй Хуссар Иры
Ахуырады министрады минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕппӕт архайджытӕ дӕр равдыстой минималон бӕрӕггӕнӕнтӕй хуыздӕр хатдзӕгтӕ.
"Иууыл стырдӕр баллтӕ фӕсивӕд райстой уырыссаг ӕвзаджы фӕлварӕнӕй", - бафтыдта Цыбырты Альда.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фӕсивӕд фылдӕр бӕрцӕй сты уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты зӕнӕг, кӕцытӕн фадат нӕй Уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм бацӕуын куыд фӕсарӕйнаг абитуриенттӕ афтӕ.
Ивгъуыд аз Уӕрӕсейы иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕнтӕ радтынмӕ куырдиттӕ Ахуырады министрадмӕ радтой 56 рауагъдоны, уыдонӕй дӕр ӕрмӕст 21 ацыд фӕлварӕнтӕ дӕттынмӕ.