Хуссар Иры столицӕйы райдыдтой футболӕй ерыстӕ "Сӕрак пурти"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы райдыдтой футболӕй ерыстӕ кӕстӕр фӕсивӕды хсӕн. Хъӕзтыты архайынц дӕс командӕйы столицӕ ӕмӕ республикӕйы ӕртӕ районӕй.
Къордты ис фӕйнӕ фондз командӕйы. Хуыцаубоны турнир балхынцъ уыдзӕн. Дыууӕ кары фӕбӕрӕг уыдзысты уӕлахиздзаутӕ", - загъта Sputnik тренер Кокойты Юрий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, нырма турниры фавориттӕ бӕрӕг не сты.
"Знон цы командӕ фӕхӕрд, уый абон та рамбылдта. Турниры хатдзӕг у сусӕггаг",- бафтыдта тренер.
Хъӕзтытӕм йӕ цӕст дары цхинвайлаг къорды хъазӕг Хуыбаты Таймураз.
"Дзауӕгтӕ хорз хъазынц, фӕлӕ ӕмбулгӕ мах ракӕндзыстӕм - Барсалантӕ. Мах Мӕскуы мӕ Дзӕуджыхъӕуы дӕр фӕхъазӕм", - дзуры чысыл лӕппу.
Хуссар Иры столицӕйы райдыдтой футболӕй ерыстӕ "Сӕрак пурти"