Ирыстоны алæмæттаг къуымтæ. Сæридтаты ком

Sputnik
Ирыстоны алы мыггагæн дæр ис йæхи истори ӕмӕ сæрмагонд бынат этносы, кæцы иумæйаг национ хæзна фæхъæздыгдæр кæны.
Багаты мыггаг Дзауы районы стыр территори ахста Быннаг Хъемултайæ Елхъантæм. Фæлæ дзы иууыл цымыдисондæр бынат у Сæридтаты ком. Ацы коммæ фæстаг рæстæджы сæ хъус тынг дарынц Багаты Мыггаг, кæд дзы цæрæг нал баззад, уæддæр сæ бæрæгбонтæ иууылдæр уым нысан кæнынц.
Диссаджы бынат у Сæридтатæ, бæрзонд хæххон хъæу. Цы хæдзары пырхæнтæ дзы баззад, уыдоныл зыны цæрæг æмæ дзы кусæг адæм кæй цард. Егъау дурæй амад хæдзæрттæ дзы уыд арæзт, æмæ уый уæлдай цымыдис æвзарын кæны, ахæм къуылдым бынатмæ куыд фæластой ацы стыр дуртæ хæдзæрттæ амайынæн.
Къуылдымы бынаты ис хъæу, æмæ дзы уымæ гæсгæ фылдæр дардтой фос. Уыцы дæлвæзты зæххы гæппæлты сагътой халсартæ дæр. Зындзæрин бынат кæй уыд, уый тыххæй хъæуы цæрджытæ сæ цæрæн бынат фæивтой æмæ æрлыгъдысты чысыл дæлдæр хъæутæм.