Хуссар Иры дӕс рауагъдоны скъола фесты майдантыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дӕс рауагъдоны астӕуккаг скъолатӕ фӕсты сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист майдантыл, фехъусын кодта Sputnik Ахуырады министрады пресс-секретарь Плиты Яна.
Дӕс дӕр сты столицӕйы гимназитӕ ӕмӕ скъолатӕй.
"Се'ппӕт дӕр уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм бацыдысты. Дӕсӕй фондз сты гимнази "Альбионӕй", аннӕтӕ гимнази "Рухс", Аивӕдты лицей, дыккӕгӕм ӕмӕ дӕсӕм скъолайы ахуырдзаутӕ", - загъта уый.
Фӕсивӕдӕй фондз райстой сызгъӕрин майдантӕ, фондз та ӕвзист.