Хуссар Иры райдыдта футболæй турнир МСНК командæты хсæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионыл уагъд цæуы турнир футболæй Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) дæлхайæдты хсæн, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, турнир кæй цæудзæн цыппар боны дæргъы. Призон бынæттыл тох кæнынц цыппар командæйы, кæцытæ хъазынц зылдон системæмæ гæсгæ.
"Фыццаг хъазт уыд дыккаг оперативон ротæ æмæ фыццаг моторизацигонд ротæйы хсæн. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ, дыккаг оперативон ротæ рамбылдта 3:0 хыгъдæй. Аннæ хъазты æртыккаг оперативон ротæ 3:0 хыгъдæй рамбылдта фыццаг оперативон ротæйы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Турниры уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты кубоктæ æмæ грамотæтæй.