Хъахъхъæнынады министрады офицертæ фылдæр кæнынц æхсыны цæттæдзинады æмвæзад полигоныл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады полигоныл уагъд цæуынц ахуыртæ уагдоны офицертимæ æхсыны цæттæдзинад фæфылдæр кæныны фæдыл. Ахуыртæ уагъд цæуынц 2022 азы хатдзæгон басгæрсты нывæзтмæ гæсгæ.
"Æхстыты рæстæджы пайда кæнынц штатон хæцæнгарзæй. Офицертæ æхсынц статикон милтæ хуысгæйæ", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Æхстытæ уагъд цыдысты оперативон фæткдаруаты хистæр офицертæ æмæ Хъахъхъæнынады министрады ахуырадон центры инструкторты къухдариуæгады бын. Афтæ ма офицертæ хуыздæр кодтой ахæм ахуыртæ сæ кусджытимæ уадзыны методикæ.
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ бакуыстой хæстон цæттæдзинадыл