Хуссар Иры МХМ фæтыхджындæр кæндзæн куыст гæн æнæзаконæй зайын кæныны ныхмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валерий бахæс кодта мидхъуыддæгты горæтон æмæ районон дæлхайæдты хистæртæн фæтыхджындæр кæнын куыст гæн æнæзаконæй зайын кæныны ныхмæ, хъусын кæны барадхъахъхъæнæг уагдоны пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, министр кæй радта æмбæлон хæслæвæрд МХМ оперативон рабадтыл, кæцыйыл дзырд цыд уагдоны куысты дыууæкъуырион хатдзæгтыл.
Хуссар Иры МХМ æрвылбон уадзы рейдтæ республикæйы фæндæгтыл
Ацы периодмæ егъау куыст бакодтой æхсæнадон фæтк сæххæст кæнын æмæ МХМ приоритетон хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны фæдыл, банысан кодтой уагдоны.
МХМ ма радзырдтой, министр кæй снысан кодта æвæрццаг моменттæ æмæ куысты фиппаинæгтæ, афтæ ма сбæлвырд кодта архайды сæйраг здæхтытæ æввахс рæстæгмæ.