Великобританийы премьер-министр Борис Джонсон фехъусын кодта йæ оставкæйы тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik. Великобританийы премьер-министр Борис Джонсон фехъусын кодта, кæй цæуы отставкæйы, хъусын кæны РИА Новости.
Уый радзырдта, кæй æххæст кæндзæн парти æмæ хицауады сæрдары хæслæвæрдтæ цалынмæ ног разамонæджы равзарой, уæдмæ. Джонсон банысан кодта, хъыгагæн кæй уадзы " иууыл хуыздæр куыст дунейы", æмæ бадзырдта фидæны премьер-министрмæ: "мæ бон куыд у, афтæ дын æххуыс кæндзæн".
Фæстаг бонты Великобратанийы райдыдта хицауадон кризис – дыууæ бонмæ министрты кабинет ныууагътой 50 адæймагæй фылдæр. Уыдон равдыстой, кæй нал æууæндынц Джонсоныл æмæ разы не сты йæ разамынды методтимæ.