Пысул, дарæс, дзаума æмæ гарз

Sputnik
Фыццаг дыууæ хæрз æввахс сты сæ мидисæй, иннæ дыууæ дæрддзæфдæр сты, куыд сæ кæрæдзийæ, афтæ фыццаг дыууæйæ дæр. Фæлæ цыппар дæр æнгæс сты цæмæйдæр.
Пысул, æвæццæгæн, мæгуыр лæг дары, дарæс та – хъæздыг. Æнæуи æмгъуызон у сæ мидис ацы дыууæ дзырдæн. Бынтон æмгъуызон не сты, фæлæ... Дзырд пысул амоны иу исты дзаума дæр, дарæс та æмбырдон у, бирæ пысултæ нысан кæны.
Пысул хуымæтæджы дзырд у, ноджыдæр æй зæгъ он, – мæгуыр лæджы хай у. Ацы дзырдимæ дзæбæх фидауы иударон, ома, æрвылбон кæй дарынц, ахæм. Ам райст­бавæрд иттæг нæ фидауы. Райстбавæрд арæхдæр фæдзу­рынц хицæн дзаумайæ, райстбавæрд къаба, райстбавæрд костюм... Ома, бæрæгбонты цы дзаума фæдарынц, уый. Йæ ном дæр йæ уæлæ ис, райст æмæ бавæрд, райсынц æй æмæ, бæрæгбон куы фæвæййы, уæд та йæ нывæрынц иннæ хатмæ.
Пысул дзурынц куыд иууон, афтæ бирæон нымæцы дæр, дарæс та æрмæст иууон нымæцы. Формæ дарæстæ зæгъæн ис æрмæст цавæрдæр сæрмагонд контексты. Дзырд дзаума та пысулы нысаниуæджы вæййы æрмæст бирæон нымæцы. Дæ дзауматæ (дзаумæттæ) бафснай чырыны.
Дзауматæ æмæ гæрзтæ ранæй-рæтты кæрæдзимæ афтæ тынг баввахс вæййынц, æмæ сæ нал дæр фæхицæн кæнæм: Нæ мæ ‘вдæлы мæ хуыссæн дзауматæ (гæрзтæ) æхсинаг сты.
Гæбæраты Никъалайы чиныг "Афтæ цæмæн дзурæм"-мæ гæсгæ
Бæстонæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны