Цхинвалы администраци райдыдта æхсæдын бæлæстæ столицæйы уынгтыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны администрацийы дæлбар Паддзахадон унитарон куыстуат "Хæрзарæзтад"-ы специалисттæ æхсæдынц бæлæстæ горæты магистральты фæндаггæрон. Мэрияйы пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй куыст хъæуы, цæмæй шофыртæ æмæ фистæг бæлццонтæ хуыздæр уыной фæндагон нысæнттæ æмæ светофортæ, афтæ ма аварион уавæрты профилактикæйæн.
"Фæндагон нысæнттæ хуыздæр æвзарынæн куыст иудадзыг уагъд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекциимæ иумæ", - хъусын кæны пресс-службæ куыстуаты директоры хæдивæг Джиоты Филиппы ныхæстæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, къалиутæ æхсæдынц профилон специалисттæ.
Цхинвалы администраци райдыдта æхсæдын бæлæстæ столицæйы уынгтыл
Столицæйы уынгты хæрзарæзтадон куыстытæ уадзы горæты къухдариуæгад æрвылаз. Хъусдард здæхт вæййы æрмæст æхсæдынмæ нæ, фæлæ ма сквертæ æмæ цъæх зонæты зæлдфæлындæнмæ. 2022 азы горæты къухдариуæгад ныссагъта цъуйы 40 талайы Саулохты уынгтыл æмæ цъæх назы бæлæстæ та Путины уынгыл.