Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой Украинæйы æфсæдты 118-æм бригадæйы дислокацийы бынат

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Уæрæсейы æфсад скуынæг кодта Украинæйы Гарзджын тыхты территориалон хъахъхъæнынады 118-æм бригадæйы рæстæгмæ дислокацийы бынат.
УФ Хъахъхъæнынады министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй иттæг дырыс хæцæнгарзæй скуынæг кодтой 300-йæ фылдæр националисты.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.