УГТ бабырст Запорожаг областы фӕкъуыхцы ис, фехъусын кодта регионы хицауад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Украинӕйаг ӕфсад бафӕлвӕрдта саразын бабырст Запорожаг областы, фӕлӕ сӕмбӕлд фидар ныхмӕлӕудыл, фехъусын кодта РИА-Новости регионы ӕфсӕддон-ӕмбӕстагон администрацийы сӕйраг советы уӕнг Владимир Рогов.
"Украинӕйаг ӕфсад фӕстаг рӕстӕджыты фӕактивон ис запорожаг здӕхты. Теракттӕ, диверситӕ ӕмӕ артиллерион ӕхстӕй дарддӕр ма бафӕлвӕрдтой саразын бабырст Запорожаг облӕсты. Сӕ фӕнд уыд куыд стырдӕр зиан ӕрхӕссын нӕ позицитӕн, фӕлӕ фидар ныхмӕлӕудыл фембӕлгӕйӕ ма сӕ ных сарӕзтой фӕстӕмӕ лидзынмӕ", - загъта Рогов.
Запорожаг областы административон центр - горӕт Запорожье - нырма ис украинӕйаг ӕфсады дӕлбар, фӕлӕ йе 'ссӕрибар кӕныныл ничи гуырысхо кӕны, бафтыдта уый.
"Запорожье ӕнхъӕлмӕ кӕссы ссӕрибармӕ, фӕлӕ ӕргомӕй нӕ уӕндынц дзурын, уымӕн ӕмӕ сӕ националисттӕ уайтагъддӕр райдайдзысты ӕфхӕрын", - загъта Рогов.
Путин фæхуымæтæгдæр кодта ДАР, ЛАР æмæ Украинæйы цæрджытæн УФ æмбæстагад райсыны уавæртæ
Сӕрмагонд операцийы фӕлгӕтты уӕсейаг ӕфсӕддонтӕ бацахстой Херсоны область ӕмӕ Запорожаг областы азовгӕрон хай. Регионты арӕзт ӕрцыдысты ӕфсӕддон-ӕмбӕстагон администрацитӕ, ӕвдисын сӕм райдыдтой уӕрӕсеаг телеуынынад ӕмӕ ӕндӕр ДИФ, сӕндидзын кодтой базарадон ахастытӕ Хъырымимӕ. Дыууӕ регион дӕр фехъусын кодтой, кӕй тырнынц Уӕрӕсейы скондмӕ бахизынмӕ.