Украинæйы æртæ къуыримæ скуынæг кодтой 400 фæсарæйнаг æххуырст æфсæддоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, фæстаг æртæ къуырийы дæргъы кæй скуынæг кодтой 400-мæ æввахс фæсарæйнаг æххуырст æфсæддоны Украинæйы. Уагдоны бафтыдтой, ноджы 240 æфсæддонты та кæй алыгъдысты бæстæйæ.
"Фæстаг æртæ къуыри уæрæсейаг Гарзджын тыхты æмæ Донецк æмæ Луганскы адæмон милицийы архайты фæстиуæгæн Украинæйы æххуырст æфсады нымæц 3221 адæймагæй фæкъаддæр ис 2741 онг. Уыцы рæстæджы, ноджы ма 151 æххуырсты æрцыдмæ æнæкæсгæйæ, куынæг æрцыдысты 391 æфсæддоны. Ноджы ма 240 "хъæддаг хъазы" та алыгъдысты Украинæйы территорийæ", - нысан кæны хъахъхъæнынадон уагдон.
Уым ма бафтыдтой, скуынæггонд æххуырстыты фылдæр хай кæй уыдысты поляктæ - 166 адæймаджы.
Уымæй дарддæр ма фæмардуæвджыты хсæн уыд 50 гуырдзиаджы, Стыр Британи фесæфта Украинæйы 23 æмбæстаджы. Афтæ ма æртæ къуыримæ фæмард сты 21 румынийаг æмæ 15 канадæйаг æххуырсты.
УГТ бабырст Запорожаг областы фӕкъуыхцы ис, фехъусын кодта регионы хицауад