Хуссар Иры æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр фембæлд Ленингоры рынчындоны коллективимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Наниты Сослан ауагъта фембæлд Ленингоры поселочы районон рынчындоны коллективимæ. Уый тыххæй хъусын кæны министрады пресс-службæ.
Наниты Сосланимæ уыдысты парламенты депутаттæ Дриаты Заза æмæ Мулдарты Гарри. Фембæлды рæстæджы æрдзырдтой финансон æмæ кадрон къабазыл.

"Байхъуыстой ног сæйраг бухгалтеры докладмæ. Мæйы дæргъы финансон æмæ кадрон хыгъдлæвæрдтæ æркæндзысты нормативон документты домæнтæм" – дзырдæуы хъусинаджы.