Хуссар Иры милицийы кусджытæ ссардтой Цхинвалы районы цæрæгмæ гæны 18 къутæры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ ссардтой гæны 18 къутæры Хуссар Иры Цхинвалы районы Гудзабары хъæуы цæрæгмæ, хъусын кæны майрæмбоны барадхъахъхъæнæг уагдоны пресс-службæ.
МХМ куыд радзырдтой, афтæмæй наркотикон буарадхæссæг зайæгойтæ ссардтой оперативон-агурæн мадзæлтты фæстиуæгæн.
"Хисæрмагонд хæдзары цæхмрадоны, кæцыйы хицау у Гудзабары 43-аздзыд цæрæг, оперативон кусджытæ ссардтой гæны 18 къутæры", - дзырдæуы пресс-службæйы хъусинаджы.
Уагдоны ма банысан кодтой, цауы фæдыл басгæрст кæй уадзы Цхинвалы районы мидхъуыддæгты управлени.
Хуссар Иры хъæутæй иуы цæрæджы бæрнмæ æркодтой гæн æрзайын кæныны тыххæй