Хуссар Иры ӕртӕ боксеры рамбылдтой Хъӕрӕсейы турнир

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксертӕ рамбылдтой ӕртӕ сызгъӕрин майданы Хъӕрӕсе-Черкесы ӕхсӕнрегионалон турниры, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Дзигойты Ацӕмӕз.
Къорды сконды уыд фараст лӕппуйы республикӕйы хицӕн секцитӕй, уыдонӕй ӕртӕ ссисты уӕлахиздзаутӕ, иу та бронзӕйон призер.
"Багаури Тамаз (31кг), Джиоты Дауыт (71кг) ӕмӕ Тыбылты Алыксандр (75 кг) уыдысты турниры триумфатортӕ, уыдон ныддӕрӕн кодтой сӕ ныхмӕлӕуджыты", - загъта тренер.
Ерыстӕ ӕрӕмбырд кодтой Цӕгат Кавказы республикӕтӕй цӕттӕ фӕсивӕды, ӕдӕппӕтӕй сӕ нымӕц ахызт 200 боксерӕй.
"Ӕртыккаг призер ма ссис Табуты Артур. Рахицӕн кӕнын мӕ фӕнды Яралов Ян ӕмӕ Бабаты Станиславы, уыдон хъуамӕ уыдаиккой уӕлахиздзауты пьедесталыл, сӕ ӕдзухон уӕлахизтӕ ӕмӕ хорз цӕттӕкӕнынадӕй ӕвӕрдтам ныфс. Фӕхӕрд сты очкотӕм гӕсгӕ, лӕмӕгъ тырнынады аххосӕй", - баххах кодта уый.
Хуссар Иры ӕртӕ боксеры рамбылдтой Хъӕрӕсейы турнир
Ацы фӕсивӕды бацӕттӕ кодтой тренертӕ Дзигойты Ацӕмӕз, Куымӕридтаты Родион, Гӕбӕраты Гамлет ӕмӕ Бестауты Чермен. Боксы скъолайы директор Кокойты Мурӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлахиздзаутӕй иу кӕй уыд Дзауы минӕвар, уый дзурӕг у районы ӕмткӕй спорт стыр къахдзӕфтӕй размӕ кӕй цӕуы.
"Боксы секци дзы нырма бирӕ нӕ кусы, фӕлӕ сӕ ӕнтыстытӕ сты ахадгӕ. Ацы размӕцыд ӕз бӕттын сӕ спорты хайады хистӕр Джиоты Алик ӕмӕ тренер Джиоты Батрадзимӕ. Ныр дӕр та сӕ фӕрцы Хуссар Иры командӕйы ралӕуд уыд хуыздӕр", - загъта Кокойты Мурӕт.
Ерыстӕ ахицӕн сты хуыцаубоны.