Юстицийы министрад йæ цæст дардзæн паддзахадон службæйы фæдыл законад æххæст кæнынмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik. Президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Хуссар Ирыстоны юстицийы министрады уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл.
Документмæ гæсгæ, кæцы мыхуыргонд æрцыд къуырисæры, уагдон йæ цæст дардзæн паддзахадон граждайнаг службæйы фæдыл законад æххæст кæнынмæ.
Афтæ ма Хуссар Ирыстоны юстицийы министрад уадздзæн мадзæлттæ, цæмæй басгара паддзахадон органтæ паддзахадон граждайнаг службæйы фæдыл законад куыд æххæст кæнынц, уый.
Барамынд бацыд йæ тыхы йæ бафысты бонæй фæстæмæ.