ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны адæм аргъ кæнынц Никарагуаимæ хæларадæн æмæ тырнынц бæстæты хсæн ахастыты дарддæры райрæзтмæ, дзырдæуы президент Гаглойты Аланы арфæйы телы Никарагуайы сæргълæууæг Даниэль Ортегамæ Сандинистон революцийы уæлахизы афæдзыбоны цытæн.
"Хуссар Ирыстоны адæм хъуыды кæнынц æххуыс, кæцы нын бакодта Республикæ Никарагуа, аргъ кæнынц Никарагуаимæ хæларадæн æмæ тырнынц бæстæты хсæн ахастыты дарддæры райрæзтмæ", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Афтæ ма президент раарфæ кодта Даниэль Ортегайæн Сандинистон революцийы уæлахизы 43-æм афæдзыбоны цытæн.
"Никарагуайы адæм 1979 азы июлы фервæзын кодтой бæстæ диктатурæйæ æмæ слæууыдысты сæрибардзинады фæндагыл. Хъæбатыр никарагуайаг адæм бирæ хатт равдыстой, цæттæ кæй сты хъахъхъæнын сæ Фыдыбæстæ", - дзырдæуы арфæйы телы.
Гаглойты Алан бахахх кодта, Сандинистон революцийы идеалтæ кæй сты æууæнккаг никарагуайаг адæмы фæндагыл ирд фидæнмæ.