Гаглойты Алан снысан кодта Ленингоры районы администрацийы ног разамонæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Гæджиты Иларионы Ленингоры районы администрацийы разамонæгæй снысан кæныны фæдыл.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 9-æм пунктмæ гæсгæ снысан кæнын Гæджиты Иларионы Русланы фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæгæй", - дзырдæуы барамынды, кæцы мыхуыргонд æрцыд республикæйы сæргълæууæджы сайтыл.
Уый размæ ацы бынаты куыста Гулиты Владимир. Уый ссæрибар кодтой йæ бынатæй 10 июны.