Хуссар Иры Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы хистæры ссæрибар кодтой йæ бынатæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы хистæр Андрей Захарченкойы йæ бынатæй ссæрибар кæныны фæдыл.
"Ссæрибар кæнын Захарченко Андрей Николайы фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæнынады службæйы хистæры бынатæй", - дзырдæуы документы, кæцы мыхуыргонд æрцыд президенты официалон сайтыл.
Нысангонд æрцыд, барамынд йæ тыхы кæй бацыд 19 июлæй.