Хуссар Иры МХМ тагъд архайды къорд фæфылдæр кодта æхсын æмæ тактикон цæттæдзинады æмвæзад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады тагъд архайды къорды кусджытæ бакуыстой æхсыны æмæ тактикон-сæрмагонд цæттæдзинадыл, хъусын кæны цыппæрæмы барадхъахъхъæнæг органы пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, ахуырты рæстæджы, кæцытæ ацыдысты уагдоны полигоныл, сæрмагонд дæлхайады кусджытæ сæххæст кодтой элементтæ, кæцытæй пайда кæнынц бæстыхайы штурмы рæстæджы, афтæ ма фыдгæнджыты æруромыны рæстæджы.

"Бæстыхайы штурмы рæстæджы ахсджиаг у райсын раст тактикон скъуыддзаг, кæцы здæхт у уацайрæгты ссæрибар кæнын æмæ фыдгæнæджы æруромынмæ", - хъусын кæны пресс-службæ къорды инструктуры ныхæстæ.

Тагъд архайды къорды кусджытæ бакуыстой алыгъуызон фæлварæнтыл хæцæнгарзимæ. Хæстонтæ æхстой милтæ 50-йæ 200 метры дистанцитæм.
МХМ бафтыдтой, тренировкæтæ уагъд кæй цæуынц æрвыл мæй, цæмæй фæфылдæр кæной профессионалон цæттæдзинад æмæ физикон фæразондзинады æмвæзад.