ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны бавнæлдтой Ерцъо – Синагур фæндаджы арæзтады фыццаг этапмæ, хъусын кæны майрæмбоны автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты пресс-службæ.
Трассæйы дæргъ, кæцы хъуамæ саразой, у 20 километры. Куыстытæ бакæнынæн хъæуы 560 милуан сомы.
"Мадзалы фæлгæтты нывæндынц саразын дыууæ ног хид æмæ сæххæст кæнын дыууæ зæронд хиды демонтаж. Рæстæгмæ арæзт æрцыд æндæр фæндаг. Ныртæккæ объектыл кусынц Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-ы кусджытæ æмæ сæрмагонд техникæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ уагъд цæудзысты 2020-2022 азтæм Инвестпрограммæйы фæлгæтты.