ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдтæ Украинæйы сæрмагонд операцийы рæстæджы иу суткæмæ скуынæг кодтой залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы цыппар взводы, гаубицатæ Д-20 24 артиллерион взводы æмæ Д-30 13 артиллерион взводы.
"Контрбатарейон тохы рæстæджы скуынæг кодтой залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы цыппар взводы, гаубицатæ Д-20 24 артиллерион взводы æмæ Д-30 13 артиллерион взводы", - дзырдæуы уæрæсейаг æфсæддон уагдоны хъусинаджы.
Афтæ ма Уæрæсейы оперативон-тактикон авиаци ДАР цæрæн пункт Черевковкайы районы скуынæг кодта зенитон-ракетон комплекс "Бук-М1".
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 260 хӕдтӕхӕджы, 144 вертолеты, 1589 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 357 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4141 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 762 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3176 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4453 иуӕджы.