Хуссар Иры ногӕрсидтонтӕ равдыстой сӕ арӕхстдзинад хӕцӕнгарзимӕ архайынӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон полигоны уагъд цӕуынц нывӕзтон ахуыртӕ ӕфсӕддонтӕн хӕцӕнгарзимӕ архайынӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Ӕмгъуыдон службӕйы солдаттӕ ӕхстой штатон хӕцӕнгарзӕй ахуырадон центры инструктортӕ ӕмӕ ахуырадон ротӕйы офицерты къухдариуӕгады бын.
"Ахуырты размӕ ногӕрсидтонты базонгӕ кодтой хӕцӕнгарзы материалон хайимӕ, радтой бахыгъдтӕ ӕдасдзинады домӕнтӕй хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытимӕ архайгӕйӕ, хӕцӕнгарз тохмӕ бацӕттӕ кӕнынӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ахуырадон ротӕйы командӕгӕнӕг хистӕр лейтенант Дудайты Руслан куыд банысан кодта, афтӕмӕй раздӕры ахуыртӕм абаргӕйӕ ныр ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ бирӕ бӕрцӕй фӕхуыздӕр кодтой сӕ фӕстиуджытӕ ӕхсынӕй.
Хуссар Иры ногӕрсидтонтӕ равдыстой сӕ арӕхстдзинад хӕцӕнгарзимӕ архайынӕй