Цӕгат Иры ӕрдзон бӕллӕх разиан кодта 1900 гектары онг быдыртӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 июл - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕрдзон бӕллӕх стыр зиан ӕрхаста хъӕууон хӕдзарады къабазӕн - ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕрцыдысты 1893 гектары быдыртӕ, сӕ фылдӕр нартхор. Уый тыххӕй фехъусын кодта профилон уагдоны сӕргълӕууӕг Къусраты Алан ӕрдзытыхы фӕстиуджытӕ аиуварс кӕныны фӕдыл къамисы рабадты.
Къамисы рабадтӕн раамынад лӕвӕрдта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Боны фӕткмӕ рахастӕуыд фарстытӕ, кӕцытӕ баст уыдысты республикӕйы ӕрцӕугӕ тыхдымгӕ ӕмӕ тӕрккъӕвдаты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнынимӕ.
"Нӕ сӕйраг хӕс ныртӕккӕ у оперативонӕй саргъ кӕнын ӕрхӕсгӕ зианӕн ӕмӕ райсын мадзӕлттӕ уӕлвӕткон уавӕр мауал ӕруадзын ӕмӕ цӕрджыты бахъахъхъӕныны фӕдыл. Ӕввахс бонты та нӕм къӕвдатӕ кӕй рагхыгъд кӕнынц, уый хынцгӕйӕ хъӕуы рӕстӕгмӕ бамбӕрзын социалон объекттӕ ӕмӕ хӕдзӕрттӕ, цӕмӕй сыл мауал ӕруара ӕмӕ сӕ рӕстӕгыл сцалцӕг кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ, абон хъуамӕ алкӕцы цӕрӕн пункт дӕр ифтонг ӕрцӕуа рухс ӕмӕ газӕй", - хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Сергей Меняйло ма бахӕс кодта бынӕттон хӕдуынаффӕйы органтӕн фӕтагъд кӕнын куыстытӕ ӕрхӕсгӕ зианӕн саргъ кӕныны фӕдыл.