Уæрæсейы æфсæдтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой "Град"-ы цыппар взводы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодтой, иу суткæмæ кæй скуынæг кодтой украинæйаг æфсæдты залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы цыппар взводы, Д-20 гаубицаты дыууæ взводы, артиллерон хæцæнгарз "Гвоздика"-йы æртæ взводы æмæ Д-30 хæцæнгарзы аст взводы.
"Контрбатарейон тохы фæлгæтты скуынæг кодтой залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы цыппар взводы Успеновка, Марково, Миньковка æмæ Семеновка цæрæн пунктты районы", - дзырдæуы документы.
Афтæ ма скуынæг кодтой Д-30 хæцæнгарзы аст взводы Донецкы Адæмон Республикæйы цæрæн пункттæ Дзержинск, Георгиевка, Водяное, Новомихайловка, Курахово æмæ Камышевкайы районы.
Афтæ ма уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрыппæрстой æхсæз украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты Харьковы областы цæрæн пункттæ Каменка, Бражковка, Малая Камышевахайы районы æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы Харцызск цæрæн пункты районы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 260 хӕдтӕхӕджы, 144 вертолеты, 1611 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 357 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4161 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 763 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3198 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4459 иуӕджы.