Хуссарирыстойнаг нывгӕнджытӕ равӕрдтой сӕ куыстытӕ егъау ӕхсӕнрегионалон равдысты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Хуссарирыстойнаг нывгӕнджытӕ ссисты пейзажы ӕхсӕнрегионалон равдыст "Радуга Юга 2022"-ы хайадисджытӕ, кӕцы байгом ис Пятигорскы. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар Битеты Вадим.
Банысангонд ӕрцыд, равдысты хайад кӕй исдзӕн хуызфыссынады нырыккон дӕсныты уникалон сконд: куыд адӕмон, сгуыхт нывгӕнджытӕ, аивӕдты кадджын архайдытӕ, алыгъуызон премитӕ ӕмӕ конкурсты лауреаттӕ, афтӕ ӕвзонг автортӕ дӕр.
"Вдохновение": Нидерландты байгом ирон нывгæнджыты равдыст
Сӕ куыстытӕ бавдыстой бӕстӕйы хуссайраг регионты, Цӕгат Кавказы, афтӕ ма Хъырымы минӕвӕрттӕ дӕр.
Хуссарирыстойнаг нывгӕнджытӕ мадзалы хайад исынц Цӕгат Ирыстоны Нывгӕнджыты цӕдисы фӕхуындмӕ гӕсгӕ.
"Фӕйнӕ иу куысты равдысты равӕрдзысты адӕмон нывгӕнӕг Цхуырбаты Тамерлан, сгуыхт нывгӕнӕг Бигъуылаты Рудольф ӕмӕ нывгӕнджыты цӕдисы уӕнг Джиоты Вадим. Равдыст нывонд у пейзажы жанры райрӕзтӕн", - радзырдта Битеты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, экспозици ӕрбамбырд кодта 300 куысты онг Хуссар ӕмӕ Цӕгат Кавказаг федералон зылдтӕй.
Равдыст адарддӕр уыдзӕн августы кӕрӕттӕм.