Цхинвалы ӕрӕвнӕлдтой Вокзалгӕрон фӕзуаты хӕрзарӕзтадмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бавнӕлдтой Вокзалгӕрон фӕзуаты хӕрзарӕзтадмӕ. Объектыл архайы Цхинвалы администрацийы хӕрзарӕзтады управлени Арӕзтады министрады заказмӕ гӕсгӕ.
Цхинвалы ӕрӕвнӕлдтой Вокзалгӕрон фӕзуаты хӕрзарӕзтадмӕ
Вокзалгӕрон фӕзуат уӕлӕнгай хӕрзарӕзт ӕрцыд 2008 азы ирон-гуырдзиаг хӕсты фӕстӕ. Фӕстӕдӕр, 2013 азы ам ӕвӕрд ӕрцыд цырт зынгӕ дагестайнаг поэт Расул Гамзатовӕн. Территори сфӕллыстой уардитӕй.
"Вокзалгӕрон фӕзуат хӕрзарӕзт ӕрцӕудзӕн, раздӕрау дзы уыдзӕн цъӕх зонӕ. Ӕрцӕудзӕн асфальт, тротуартыл ногӕй сӕвзӕрдзысты плиткӕ", - загъта Sputnik РХИ арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлӕмхасӕй ма цы хъӕуы сӕвӕрын ацы территоритыл, уый скъуыддзаг кӕндзӕн горӕты администрацийы разамынад.
Цхинвалы ӕрӕвнӕлдтой Вокзалгӕрон фӕзуаты хӕрзарӕзтадмӕ