Иран æмæ Уæрæсе кусынц фиддонты иумæйаг системæйы арæзтадыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Ираны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæджы хæдивæг экономикон дипломатийы фарстыты фæдыл Мехди Сафари фехъусын кодта, Мæскуы æмæ Иран кæй кусынц фиддонты иумæйаг æхсæнбанкон системæйы арæзтадыл, SWIFT-ы хуызæн, фыссы РИА Новости.
"Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæ бæстæйæн, кæцыты фæнды дедолларизаци скæнын сæ транзакцитæ, хъуамæ уа сæрмагонд системæ, кæцы уыдзæн SWIFT-ы хуызæн. Иран æмæ Уæрæсе банхъардтой фæйнæ иу вариант ахæм системæйæн. Ныртæккæ мах бадзырдтам, уый бындурыл махæн нæ бон уыдзæн æххæст кæнын валютон операцитæ дыууæ бæстæйы хсæн", - загъта Сафари.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Ираны ма тагъд рæстæджы скусдзæн уæрæсейаг фиддонты системæ "МИР".