Уæрæсейаг æфсæддонтæ фехстой фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты Харьковы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Иу суткæмæ уæрæсейаг авиаци, артиллери æмæ ракетон æфсæдтæ фехстой фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты дислокацийы бынат Харьковы "Украинские энергетические машины" заводы, афтæ ма "Черная сотня" къорды хæстонты Артемосквы районы Донецкы Адæмон Республикæйы. Уый тыххæй хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.

"Скуынæг кодтой удæгас тыхты æмæ хæстон техникæ 142 районы, сæ нымæцы фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты дислокацийы бынат Харьковы "Украинские энергетические машины" заводы, афтæ ма "Черная сотня" къорды хæстонты Артемовскы районы Донецкы Адæмон Республикæйы", - фехъусын кодтой Хъахъхъæнынады министрады.

Уымæй дарддæр скуынæг кодтой аст æфтауцы хæстæрмæджытимæ.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.