Хуссар Иры барадхъахъхъӕнджытӕ ссардтой Ленингоры районы гӕны 82 къутӕры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik. Ленингоры районы Абреуы хъӕугӕронМидхъуыддӕгты министрады кусджыттӕ ссардтой хъӕддаг гӕны 82 къутӕры. Къутӕртӕ скъахтой ӕмӕ сӕ арвыстой экспертизӕмӕ.
"Зайӕгойты ссардтой Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайады уголовон агуырды кусджытӕ Цъинагары фадыгон милиционертимӕ иумӕ. Гӕн ӕрзад Абреуы хъӕуы цӕгат-ныгуылӕйнаг фарс", - дзырдӕуы Хуссар Иры МХМ пресс-службӕйы хъусинаджы.
Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй хъуыддаджы фӕдыл басгӕрст уадзы Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайад.