Хуссар Иры Автоинспекцийы кусджытӕ сарӕзтой 6-километрон марш-бросок

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы хисӕрмагонд сконд сарӕзта 6-километрон марш-бросок. Мадзал арӕзт ӕрцыд 2022 азӕн Мидхъуыддӕгты министрады хисӕрмагонд сконды службӕйон-хӕстон ӕмӕ моралон-психологон цӕттӕдзинад сорганизаци кӕныны нывӕзты фӕлгӕтты. Уый тыххӕй хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.
Марш-бросок уагъд цыд Цхинвалы районы.
"Инспектортӕ цӕуынц ахуыртӕ физикон цӕттӕдзинадӕй. Уыдон дӕттынц нормативтӕ контролон фӕлтӕрӕнты хуызы сӕ кар ӕмӕ категоритӕм гӕсгӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны ма бафтыдтой, марш-бросок рацӕуыны ӕмӕ физикон цӕттӕдзинады ахуырты фӕстӕ ПАИ хисӕрмагонд сконд кӕй ӕрӕвналдзӕн ӕхстон цӕттӕдзинад бӕрзонддӕр кӕнынмӕ.