УФ Хъахъхъæнынады министрады радзырдтой украинæйаг хæстон бригадæтæ скуынæг кæныны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ иттæг дырыс ракетæтæй фехстой украинæйаг æфсæдты 57-æм мотопехотон бригадæйы Черниговы областы. Уый фæстиуæгæн бригадæ фесæфта бирæ æфсæддонты, фехъусын кодтой майрæмбоны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады.
"Бирæ æфсæддонты фесæфта 57-æм мотопехотон бригадæ, кæцы цалцæг кодта йæ хæстон цæттæдзинад Черниговы областы æфсæддон полигон Гончаровскоейы", - фехъусын кодтой Хъахъхъæнынады министрады.
Афтæ ма иттæг дырыс хæцæнгарзæй фехстой знаджы фæстауæрцтæ Киевы æмæ Черниговы областты. Цæфты фæстиуæгæн йæ хæстон цæттæдзинад фесæфта 30-æм механизацигонд бригадæ, кæцыйы цæттæ кодтой Донбассмæ арвитын.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.