Хуссар Иры ногӕрсидтонты фыццаг хатт ахуыр кӕнынц егъаукалиберон хӕцӕнгарзӕй ӕхсын

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмгъуыдон службӕйы солдаттӕ фыццаг хатт цӕуынц ахуыртӕ ӕгъаукалиберон хӕцӕнгарзӕй ӕхсынӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Тренировкӕтӕ ацыдысты мотоӕхсӕн батальоны фӕлтӕрд офицерты ӕмӕ ахуырадон центры инструкторты къухдариуӕгадӕй.
Хуссар Иры ногӕрсидтонтӕ равдыстой сӕ арӕхстдзинад хӕцӕнгарзимӕ архайынӕй
Ахуырадон ротӕйы командӕгӕнӕг Дудайты Русланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, службӕгӕнджытӕ равдыстой хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕхсынӕй.
"Мотоӕхсӕн батальоны къухдариуӕгад сараздзӕн алцыдӕр, цӕмӕй быдырон уавӕрты ахуыртӕ, сӕ нымӕцы ӕхстон цӕттӕдзинадӕй дӕр, суой регулярон", - загъта уый.
Банысангонд ӕрцыд, ахуыртӕ кӕй ацыдысты ӕдасдзинады ӕппӕт домӕнтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ ӕфсӕддон медикты хайадистӕй.
Амӕйразмӕ та Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон полигоны уагъд ӕрцыдысты нывӕзтон ахуыртӕ ӕфсӕддонтӕн штатон ӕхстон хӕцӕнгарзимӕ архайынӕй.