Хуссар Иры ногæрсиддонты фыццаг хатт сахуыр кодтой æхсын егъау калиброн хæцæнгарзæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ногæрсиддон æфсæддонтæ фыццаг хатт ахуыр кæнынц æхсын егъау калиброн хæцæнгарзæй. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Тренировкæтæ уагъд цыдысты мотоæхсæн батальоны фæлтæрд офицертæ æмæ ахуырадон центры инструкторты къухдариуæгады бын.
Ахуырадон ротæйы командæгæнæг Дудайты Русланы ныхæстæм гæсгæ, æфсæддонтæ равдыстой æхсыны æмбæлон фæстиуджытæ.
"Мотоæхсæн батальоны къухдариуæгад алцыдæр сараздзæн, цæмæй ахуыртæ быдырон уавæрты, сæ нымæцы æхсыны цæттæкæнынад, уой иудадзыг", - загъта уый.
Нысангонд æрцыд, ахуыртæ кæй ацыдысты æдасдзинады мадзæлттæ æххæстгæнгæйæ.