Цӕгат Ирыстоны 14-аздзыд лӕппу фӕдӕлдон ис Терчы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 авг - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы доны гуылфӕн аласта 14-аздзыд лӕппуйы, кӕцы улӕфыд Терчы былгӕрон, хъусын кӕны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад.
Цауы тыххӕй хъусинаг уагдоны радгӕсон хайадмӕ бацыд къуырисӕры 13.25 сахатыл.
Лӕппу кӕм ныххауд, уыцы бынатмӕ поселок Южныйы уайтагъд атындзыдтой 16 ирвӕзынгӕнӕджы ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйы цыппар иуӕджы.
"14.30 сахатыл сывӕллоны мӕрдон буар ссардӕуыд цӕугӕдоны, цы ран ныххаудта, уымӕй фондзсӕдӕ метры дӕлдӕр", - дзырдӕуы уӕлвӕткон уагдоны хъусинаджы.
Сывӕллоны мӕлӕты фӕдыл республикӕйы мидхъуыддӕгты министрад уадзы фӕдӕвзӕрстон мадзӕлттӕ.