Цхинвалы рынчындоны адавтой æхцатæ карджын пациентæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Республикæйы барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æрурæдтой Хуссар Ирыстоны Знауыры районы 37-аздзыд цæрæджы РБМЦ пациентæй æхцатæ адавыны тыххæй.
Республикæйы МХМ куыд хъусын кæны, афтæмæй уый размæ милицимæ бадзырдта Мугуты хъæуы 87-аздзыд цæрæг. Зианбаййафæджы ныхæстæм гæсгæ, зæронд лæг хоскæнынад цыд Республикон бирæпрофилон медицинон центры (РБМЦ) хирургон хайады, æмæ дзы фесæфтысты 10 мин сомы.
"Цауы бынатмæ ацыд Цхинвалы мидхъуыддæгты хайады фæдагурæн-оперативон къорд. Басгæрсты рæстæджы оперативон кусджытæ рабæрæг кодтой, æхцатæ кæй адавта Знауыры районы хъæутæй иуы 37-аздзыд цæрæг, кæцы хоскæнынад цыд рынчындоны" - банысан кодтой МХМ пресс-службæйы.
Уыцы бон зæрдæхсайгæйы æрурæдтой милицийы кусджытæ. Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, æхцаты хай æрыздæхтой барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ.