ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой, украинӕйаг ӕфсады дыууӕ бригадӕйы хисӕрмагонд сконд харьковаг ӕмӕ запорожаг здӕхты массон ӕгъдауӕй кӕй ныууагътой сӕ позицитӕ ӕмӕ алыгъдысты.
"Стыр зиӕнтты тыххӕй Украинӕйаг Гарзджын тыхты 93-ӕм бригадӕйы харковы здӕхты ӕмӕ 128 -ӕм хӕххон-штурмон бригадӕйы запорожаг здӕхты ацы къордты хисӕрмагонд сконд ныууагътой сӕ позицитӕ ӕмӕ сарӕзтой дезертирдзинад Украинӕйы централон ӕмӕ ныгуылӕйнаг районтӕм", - загътой уагдоны.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.