ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Ӕнусон артмӕ дидинджытӕ сӕвӕрын ӕмӕ традицион автозгъордӕй Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты (УДӔ) сырӕзты 92-ӕм афӕдзыбон.
Мадзалы, кӕцы ацыд Цхинвалы Кады аллейы мемориалы цур, хайад райстой "базырджын фистӕгӕфсады" ветерантӕ, Маргеловы номыл Рязаны гвардион уӕлдӕр ӕфсӕддон уӕлдӕфон ахуыргӕнӕндоны курсанттӕ, хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Пухаты Владимир, республикӕйы экс-президент Бибылты Анатолий.
Хуссар Иры нысан кӕнынц Уӕлдӕфон-десантон ӕфсады бон
© Sputnik / Natalia Airiyan
Арфӕйы ныхӕстимӕ ӕрӕмбырдуӕвджыты раз ралӕууыд хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕг ӕмӕ банысан кодта, республикӕйы кӕй ис УДӔ бирӕ ветерантӕ ӕмӕ ацы элитон ӕфсады архайгӕ службӕгӕнджытӕ.
"Махмӕ хъахъхъӕнынады министрады службӕ хӕссынц архайгӕ офицертӕ - УДӔ рязайнаг скъолайы рауагъдонтӕ. Ӕрвылаз дӕр мах арвитӕм нӕ курсантты ахуырмӕ элитон уӕлдӕр ахуыргӕнӕндонмӕ. Абон ам сты ӕвзонг фӕлтӕр дӕр ӕмӕ ма уыйы адӕм дӕр, кӕцытӕй ӕвзӕнгтӕ хъуамӕ исой цӕвиттон - 1989 азй фӕстӕмӕ райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд тохгӕнӕг десантниктӕ", - загъта Пухаты Владимир.
Мадзалы хайадисджытӕ сӕвӕрдтой дидинджытӕ Ӕнусон артмӕ ӕмӕ систой йӕ цуры иумӕйаг къам.
Хуссар Иры нысан кӕнынц Уӕлдӕфон-десантон ӕфсады бон
© Sputnik / Natalia Airiyan
Уый фӕстӕ десантниктӕ афӕндараст сты традицион автозгъордмӕ, кӕцыйы хайад райстой дӕсгай хӕдтулгӕтӕ. Уыдон ӕрзылдысты столицӕйы уынгтыл Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсей ӕмӕ УДӔ тырысатимӕ.
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты (УДӔ) сырӕзты бон Уӕрӕсе ӕмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты нысан кӕнынц 2 августы. Ацы бон 1930 азы Мӕскуыйаг ӕфсӕддон зылды ӕфсӕддон ахуырты бындур ӕвӕрд ӕрцыд ӕфсӕддон-десантон хайадӕн.