Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг комментаритӕ сарӕзта Косово ӕмӕ Сербийы хсӕн уавӕрӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 авг – Sputnik. Коллективон Ныгуылӕнӕн сӕ бон нӕ бацис уавӕр фендыгъд кӕнын Гуырдзыстоны ӕмӕ сӕ ӕххӕстӕй бамхиц кӕнын Уӕрӕсейы ныхмӕ иумӕйаг кампанимӕ, уымӕ гӕсгӕ уыдон фӕнд кӕнын бакӕнын дыккаг фронт Балканты. Ахӕм хъуыды газет "Южная Осетия"-йӕн загъта республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий, Косово ӕмӕ Сербийы хсӕн уавӕр кӕй фендыгъд ис, уымӕн комментаритӕ аразгӕйӕ.
"Украинӕйы, ӕвӕццӕгӕн, алцыдӕр америкӕгтӕ ӕмӕ англисӕгты куыд фӕнды, афтӕ нӕ цӕуы... Уый тынг тӕссаг хъазт у. Ахӕм архӕйдтытӕ гӕнӕн ис ӕмӕ уавӕр фендыгъд кӕной ӕппӕт европӕйаг континенты ӕмӕ ӕркӕной ӕппӕт дунейӕн ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕм. Хъусдард йӕхимӕ здахы Сербийы сабыруарзаг позици - уый у иунӕг раст ацы уавӕры", - загъта ФХМ сӕргълӕууӕг.
Медойты Дмитрийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Балкантӕ кӕддӕриддӕр уыдысты регионалон ӕмӕ дунейон политикӕйы хъусдарды центры. Уый бахахх кодта, Сербийы ӕгъатыр бомбардировкӕтӕ 1999 азы кӕй ссисты ныгуылӕйнаг политикӕйы цинизмы дӕнцӕг.
"Косовойы алыварс, рагон сербаг зӕххы алыварс саразгӕ уавӕр ирдӕй ӕвдисы Уӕрӕсейы ныхмӕ кампаниимӕ иудзинад, кӕцы ӕмдзу кӕны уӕрӕсейаг ӕфсады сӕрмагонд операцийӕн Донбассы", - балхынцъ кодта министр.