Мæскуыйы ссардзысты Хуссар Иры 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Мæскуыйы ацæудзысты Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хæсты 14-æм афæдзыбонæн нывонд фыдохы мадзæлттæ. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны минæварады пресс-службæ.
"Къуырисæры 8 августы 2022 азы 11.00 сахатыл, Мæскуыйы Чырыстийы Аргъуаны ацæудзæн панихидæ Хуссар Ирыстоны фæмардуæвæг сабыр цæрджытæ, Цхинвалы хъахъхъæнджытæ, Фидауынгæнæг тыхты ирон æмæ уæрæсейаг æфсæддонтæ, уæрæсейы æфсады солдаттæ æмæ офицерты фæдыл, кæцытæ сæ цæрдтæ радтой, фæлæ бахъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны адæмы", - дзырдæуы дипломатон уагдоны хъусинаджы.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст Цхинвалмӕ 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын.