Уӕрӕсейы УКТ дыууӕ ӕхстӕн скуынӕг кодтой 500 фылдӕр украинӕйаг ӕфсӕддоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон-космикон тыхтӕ дырыс фехсттӕй скуынӕг кодтой 130 онг украинӕйаг националисты 92-ӕм механизацигонд бригадӕйӕ Харьковы районы, афтӕ ма 400 онг ӕфсӕддоны та 95-ӕм десантон-штурмон бригадӕйы дислокацийы пункты Донецкаг адӕмон республикӕйы. Уый тыххӕй фехъусын кодтой цыппӕрӕмы Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады.
"Уӕлдӕфон-космикон тыхты дырыс хӕцӕнгарзӕй 92-ӕм механизацигонд бригадӕйы позицитӕм Харьковы районы фехсты фӕстиуӕгӕн куынӕг ӕрцыдысты 130 онг ӕфсӕддоны ӕмӕ бронетехникӕйы 13 иуӕджы. ДАР цӕрӕн пункт Константиновкайы районы та фехстӕуыд 95-ӕм десантон-штурмон бригадӕйы дислокацийы рӕстӕгмӕ пункт. Фӕмард сты УГТ 400 онг службӕгӕнӕджы ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы 20 иуӕджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уымӕй дарддӕр ма иу суткӕмӕ уӕлдӕфон бабырстты ныхмӕ уӕрӕсейаг фӕрӕзтӕ ӕрыппӕрстой цыппар ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты ӕмӕ залпон ӕхсты реактивон системӕйы фондз ракетӕйы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 261 хӕдтӕхӕджы, 145 вертолеты, 1673 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 361 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4244 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 786 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3251 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4696 иуӕджы.